OSCE/ODIHR Гуырдзыстоны уæвæг уавæры фæдыл расидæн парахат кæны
OSCE/ODIHR Гуырдзыстоны уæвæг уавæры фæдыл расидæн парахат кæны

OSCE/ODIHR Гуырдзыстоны уæвæг уавæры фæдыл расидæн рапарахат кодта.

Расидæны ис фыст, цæмæй организаци тынг тыхстгонд у æмбæстагон æхсæнады куысты фæдыл арæнæвæрд закъондæттынадæй æмæ сабырадон протестгæнджыты ахстæй.

Расидæны ис фыст, цæмæй фæстаг къуыриты дæргъы оппозицийы аст раззагдæр политик æрцахстой, кæцытæй фылдæрæн ахæстоны фæбадыны тæрхон рахастой. Фæстаг мæйты дæргъы дæсгай протестгæнæг дæр æрцахстой.

«Мах арф тыхстдзинадимæ хъус дарæм Гуырдзыстоны цæугæ цаутæм, се æхсæн фæстаг рæстæджы оппозицион политикты ахст æмæ тæрхон кæнынмæ. Сидæм хицауадмæ скусын кæной фæстаг рæстæджы закъондæттынад, кæцы къуылымпы кæны æмбæстагон æхсæнады легитимон куыст. Æмбæстагон æмæ политикон бартæ сты демократийы æмæ барады уæлдæрдзинады бындур» -ис фыст OSCE/ODIHR-ы директор Мариалиан Телалиан йæ расидæны.

Фидиуæны куыд банысангонд у афтæмæй, фарон OSCE/ODIHR йæ юридикон аргълæвæрды фæлгæтты Гуырдзыстонæн бафæдзæхста афтæ хуынæг фæсарæйнаг агентты закъон скусын кæнын æмæ бафæдзæхста, цæмæй ног закъондæттынад æмбæстагон æхсæнады организациты куыст арæн кæндзæн.

Уымæй уæлдай ма, OSCE/ODIHR-ы фидиуæны ис фыст, цæмæй «Гуырдзыстоны хицауад нæ хъавы æрбахонын офис æрцæугæ бынæттон æвзæрстытæм цæст дарынæн. Уый у æнæуый дæр Гуырдзыстоны æнæфæцудгæ практикæйы фæстаг дыууын азы дæргъы».

Фæлæ уæддæр OSCE/ODIHR хъусын кæны, цæмæй цæттæ сты цæстдарæн мисси арвитын, «кæд æмæ хицауад рæстæгыл æрвитдзæн хуынд, цæмæй æргомдзинад æмæ æхсæнады æууæнкдзинад фæбæрзонддæр уа Гуырдзыстоны демокративон институттæм».