Орбелианиты галуаны райтыгъдтой Гуырдзыстоны æмæ Украинайы тырысатæ
Тбилисы, Орбелианиты галуаны райтыгъдтой Гуырдзыстоны æмæ Украинайы тырысатæ.
Уыимæ Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Уæрæсейы æрдгæй Украинайы регионты Донецк æмæ Луганскы «хæдбар республикæтæй» банымады фæдыл фидиуæн знон сарызта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон йæ фарс хæцы Украинайæн.
«Гуырдзыстон тызмæг фауы Уæрæсейы æрдгæй Украинайы регионты Донецк æмæ Луганскы «банымад», кæцы у уыцы сценарийы рафæлхатт, уæцыйы фæстиуæгæн уыд нæ территориты 20 проценты оккупаци. Гуырдзыстон уæ фарсмæ ис президент Зеленски æмæ йæ фарс хæцы Украинайы территорион æнæхъæндзинад æмæ сабырдзинадæн», – фыссы Саломэ Зурабишвили.
Уæрæсе Донецкы æмæ Луганскы а.х. адæмон республикæты хæдбарад банымадта. Фæнысангонд уынаффæйы фæдыл Уæрæсейы президент, Владимир Путин æдасдзыинады советы рабадты фæстæ сидты рæстæджы райхъусын кодта.