Оппозицион партиты  минæвæртты организацигондæй, парламенты  цур уагъд æрцæудзæн  акци
Оппозицион партиты минæвæртты организацигондæй, парламенты цур уагъд æрцæудзæн акци

«Иууон  Националон Змæлды», «Националон-Демокративон  Партийы», «Паддзахад  Адæмæн», «Ног Гуырдзыстоны»  æмæ «Лейбористон партийы»  лидертæ,  Заза Саралидзейы  æмæ   Малхаз  Мачаликашвилимæ  солидарондзинады   акцийы ауадзын хавынц.

Организатортæ  куыд   хъусын кæнынц  афтæмæй,   акци  16:00  сахатыл Руставелийы проспектыл,  парламенты цур  ацæудзæн.  Акцимæ æнхъæлмæ кæснц  Заза Саралидзе æмæ Малхаз Мачаликашвилимæ.

Парламенты цур солидарондзинады  акци  #არმომკლა (#Мамæамар)  цалдæр боны  дæргъы  цыдис, 3  июны  та оппозицион  партиты   минæвæрттæ  Хоравайы  уынгыл   æрцæугæ марындзинады  фæдæвзарыны  процессы,   хицауадмæ æрсидтысты  конкретон  архæйдтытæм  æмæ 10  июны  акцийы  тыххæй  фехъусын кодтой.