Оппозицион партиты минæвæрттæ иумæйаг фидиуæн æрцæттæ кодтой, кæцыйы мидæг банысангонд у, цæмæй парламентон мандаттæ райсын нæ разы кæнынц
Оппозицион партиты минæвæрттæ æрцæттæ кодтой иумæйаг фйидиуæн.
Документмæ гæсгæ, уыдон нæ разы кæнынц парламентон мандаттæ райсын. Сæ аргълæвæрдæй, 31 октябры парламентон æвзæрстытæ ацыд æвзæрстгæнджытыл тыхмидзинады уавæрты æмæ йæ фæстиуджытæ не вдисынц Гуырдзыстоны æмбæстæгты фæнд.
Фидиуæны мидæг дзырдæуы, цæмæй ацы уынаффæимæ разы сты уыцы партитæ дæр, кæцытæ парламентмæ нæ бахаудысты.
«2020 азы 31 октябры парламентон æвзæрстытæ ацыдысты æвзæстргæнджытыл тыхмидзинады æмæ тасæфтаугæйæ, Пæк-ы æмæ криминалон дунейы координацигонд уæлæндæвды, масштабон балхæды, администрацион ресурсæй пайда кæныны æмæ æвзæрстгæнджыты фæндыл тыхмидзинадæй уæлæндæвды уавæрты. Уый æппæтмæ ма æфтыд æрцыд æвзарæнон протоколтæй манипуляцитæ æмæ «карусель», кæцы нысаниуæгджынæй сфыдуынд кодта æвзæрстыты фæстиуджытæ. ЦÆК-ы публикацигонд кæронбæттæн фæстиуджытæ нæ равдыстой Гуырдзыстоны æмбæстæгты фæнд.
Махæн, оппозицион партитæн иттæг бæрæг у, цæмæй нæ æмбæстæгтæ Иванишвилийы хицаудзинады загъдтой «нæй» æмæ йын нæ раттой æртыккаг æмгъуыдæй бæстæйæн хицаудзинады мандат. Уымæ гæсгæ дæр, ацы парламент не вдисы æвзæрстгæнджыты фæнд.
Уый тыххæй, мах, оппозицион партитæ, æвзæрстытæ кæмæн фæмæнг кодтой уыдон, нæ разы кæнæм парламентон мандаттæ райсын æмæ сараздзыстæм алы политикон æмæ барадон къахдзæф, цæмæй «дэ юре» æмæ «де факто» ма бахизæм парламентæй цы хуындæуы, уырдæм. Мах ацы парламент нæ нымайæм легитимоныл, уымæн æмæ у æнæзаконон архæйдты фæстиуæгæн æвзæрст æмæ не вдисы адæмы реалон фæнд.
Ацы уынаффæимæ æххæстæй разы сты къухæвæрæг политикон партитæ, ацы фæмæнггонд æвзæрстыты фæстиуæгæн, ЦÆК-ы публикацигонд бæрæггæнæнтæй, парламентмæ чи нæ бахауд, уыцы партитæ дæр.
Дарддæр кæнæм тох Иванишвилийы ныхмæ нæ бæстæйы хуыздæр демократон фидæнæн. Демократон оппозицийы æркуырд у ацы æвзæрстыты фæстиуджытæ аивын, фæлхатгæ æвзæрстытæ ауадзын æмæ алы уыцы фæтксастытæ системон схафын, ЦÆК-ы комплект кæныны уаг хынцгæйæ, кæцы расайдта ацы æвзæрстыты системон фальсификаци», – дзырдæуы оппозицийы фидиуæны.