Оппозицион партиты лидертæ АИШ-ы минæвары резиденцийы индивидуалон фембæлдтæ уадзынц
Оппозицион партиты лидертæ Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвары резиденцийы индивидуалон фембæлдтæ уадзын дарддæр кæнынц.
Фембæлды размæ «Лейбористон Партийы» лидер Шалва Нателашвили куыд банысан кодта афтæмæй, «хæлар минæвæртты тыхархайдæй, дарддæр кæнынц консультацуитæ бæстæ арф политикон кризисæй ракæнынæн, кæцымæ йæ бакодта архайæг хицауад, æвзæрстыты фалсьфикацийæ æмæ хицаудзинады узурпацийæ».
«Оппозицион партитæ къух бафыстам декларацийыл, кæцымæ гæсгæ дæр, ничи нæ хъавы ацы фæндагæй арызт парламентмæ бахизын æмæ домæм ног æвзæрстытæ ауадзын. Уымæ гæсгæ дæр æнхъæлмæ кæсæм Иванишвилийæ ног æвзæрстыты датæмæ æмæ æрмæст ацы темæйыл ис гæнæн консультацитæ уадзын», – райхъусын кодта Нателашвили.
Фарстыл, зæгъгæ цæмæн цæуынц индивидуалон фембæлдтæ оппозицийы минæвæрттмæ, Шалва Нателашвили дзуапп дæтты: «Хицæн консультацитæ уыд оппозицийы уыцы лидертимæ, кæцытимæ нысанæмрастыл нымад æрцыд уый саразын, кæнæ алкæйимæ, уый тыххæй дæр ацы процессы регламентаци гæнæн нæй, уымæн æмæ фасилитатор минæвæрттæ сæхи проблемæты раз лæууынц, уымæн æмæ сæ рард у, куыд гæнæн ис, афтæ тагъд рацæуæм куымау уавæрæй æмæ абон афтæ банымадтой. Æнхъæлмæ кæсæм Иванишвилийы минæвæрттæм æнхъарæнимæ, цæмæй бæлвырд бон уыдзæн ног æвзæрстытæ æмæ уæвæг æвзарæнон комисситы фæд фесæфдзæнис гуырдзиаг реалондзинадæй».