Оппозицион партиты æмæ æндæр æмæ æндæр сферæты минæвæрттæ цæрджытæм 24 февралы Руставелийы проспектыл акцимæ рацæуынмæ æрсидтысты
Оппозицион партиты æмæ æндæр æмæ æндæр сферæты минæвæрттæ цæрджытæм æрсидысты, 24 февралы Руставелийы проспектыл акцимæ рацæуынмæ.
«Стратегиа Агъмашенебели»-ы лидер Гиорги Вашадзе куыд райхъусын кодта афтæмæй, хъуамæ æрымбырд уæд, цæмæй алчи базонæт уый æмæ сæ æнæцудгæ фæнд, фидар æмæ Иугонд Гуырдзыстоны, Европæ æмæ Евроатлантикон альянсимæ иумæ, арæзтады фæдыл ногæй никуы уал æркæсдзысты.
«Абон алчи иумæ лæууæм æмæ нæ иу кæны иу цыдæр, фидар Гуырдзыстоны идея европæ æмæ ныгуылæйнаг цивилизациимæ иумæ. Иу нæ кæны уый, кæцы Гуырдзыстоны цæрджыты фылдæры хайы æвзæрст у фæстаг дæсой азты дæргъы. Ацы æвзæрсты абон ногæй æркæсын, гуырысхойаг скæнын фæнды уыцы тыхы, кæцы, хъыгагæн, абон Гуырдзыстоны хицауады ис. Уыдон рахызтысты конституцийы фæлгæттæй, гадзрахатæй зилынц Гуырдзыстоны адæмы фæндыл, дзурынц нын, цыма Уæрæсе дам хуыздæр куы у, цивилизацигонд дунеимæ иумæ Гуырдзыстоны арæзтадæй. Уыимæ нæ бафидвдзыстæм. Цы фæнд дезинформацион кампани уадзæт, уый махыл нæ фæзындзæни.
Растдæр уый тыххæй уын æнхъарæм, цæмæй 24 февралы æрымбырд уæм Æппæт Гуырдзыстон Руставелийыл. Æрымбырд уæм, цæмæй нæ кæрæдзийæн бамбарын кæнæм, цæмæй нæм ницы дезинформаци хъауы æмæ нæдæр бахъардзæни, нæ фæнд у фидар, иугонд Гуырдзыстоны арæзтад Европæимæ æмæ евроатлантикон альянсимæ, æмæ уый ногæй никуы æркæсдзыстæм», – райхъусын кодта Гиорги Вашадзе.