Оппозицион   партитæ 19 декабрмæ  пълангонд парламенты пикеттæ аивдтой
Оппозицион партитæ 19 декабрмæ пълангонд парламенты пикеттæ аивдтой

Оппозицион  партитæ   иумæйаг  куырдиат аразынц  æмæ 19  декабрмæ  пълангонд  парламенты  пикеттæ  аивдтой.

Иумæйаг  куырдиаты  куыд дзырдæуы   афтæмæй,    пикеттæ  аивын  15 аздзыд  æнахъомы  адзалы   хъуыддагимæ у баст.

«Стыр  хъыгдзинад æвдисæм   Лука Сирадзейы  адзалы  тыххæй.  Нæй гæнæн ацы  уæззау   минутты   тынг зын у  исты  ныхæстæ  рацагурын.  Фыццаджы дæр нæ фæнды  бинонтæн тæфæрфæс ракæнын, хæстæджытæн  æмæ  хæлæрттæн ацы  фыдæбоны трагедийы тыххæй.

Ай  нæу  фыццаг цау æмæ нæдæр фæстаг уыдзæн, цалынмæ бæстæйы  системон   ивдтытæ  нæ сыххæст кæндзыстæм уæдмæ.   Лукайы  трагедий  нын бацамыдта  ацы  скуыддзаг рахæссын,  цæмæй   райсоммæ пълангонд   парламенты   пикетирдзинад  аивæм, фæлæ  уый нæ нысан кæны, цæмæй  нæзагъд кæнæм  рæстаг   сабыр протесты æндæр   аформæтыл.

Системæ  æххæстæй   ралæууыд   нæ разы  йæ  тæригъæдджын æмæ тыхмигæнаг  формæйæ, æнæмæнг хъæугæ у   йæ  рагацау  бауромын  æмæ  фæивын» –  дзырдæуы  фидиуæны.