Оппозицийы минæвæртты протестон акци цæуы Батумы дæр. Драматон театры бæстыхайы цурмæ акцийы хайадисджытæ æндæр æмæ æндæр локацитæй бацыдысты. Акцийы хайадисджытæ домынц, ацæуа ног æвзæрстытæ æмæ ивд æрцæуæд æвзæрстгæнæн администраци.
«Ай у сабырадон акци, æмæ ацы акци йæ хъуыдыйы нæ дары искæй йæ куыстæй сисын, мах домæм рæстаг æвзæрстытæ, цы хъæлæстæ нын адавдтой уый æмæ нæ сæрибардзинад æрыздахой» – райхъусын кодта «Националон Змæлды» уæнг Мирдат Камададзе.
Парламентон æвзæрстыты параллелонæй ацыд Уæллаг Советы æвзæрстытæ. Уæллаг Советы æвзæрстыты, оппозицийæ æрмæст «Националон Змæлд» ахызт барьерыл, фæлæ уыдон нæй дзурынц мандатыл æмæ Уæллаг Советы ногæй æвзæрстытæ дæр домынц.