Оппозицийы минæвæрттæ хъусын кæнынц, цæмæй къух бафысдзысты медиаторты бавдыст ног документыл
«Европаг Гуырдзыстоны» æвзарæнон номхыгъды уæнг Армаз Ахвледиани хъусын кæны, цæмæй медиаторты бавдыст ног документ бафысдзæнис.
Армаз Ахвледианийы хъуыдымæ гæсгæйæ, зæгъгæ алы оппозицион тых æмæ хицæн оппозиционертæ хъуамæ сразхы уой Гуырдзыстоны рæстаг политикон процесс райдайынимæ.
«Европаг гуырдзыстоны» æвзарæнон номхыгъды ноджы иу уæнг, Шалва Шавгулидзейы хъуыдымæ гæсгæйæ, бадзырды текст зæгъгæ æххæстаргъджын нæу, фæлæ ацы этапмæ уæддæр ис гæнæн æгъгъæдыл банымайын.
Шавгулидзе ма бафтыда, цæмæй уый нæ разы кæны хæдуынаффæйы æвзæрстыты фæстиуджытимæ уæлрадон æвзæрстыты фарст бамхас афтæ куыд сбæрæг кæнинаг у Гиорги Руруайы æмæ Ника Мелиайы ссæрибар кæныны фарстытæ, сæрмагондæй та уыцы хайы, кæцыйы дæр Ника Мелиамæ гæсгæ цъынды бафидыныл дзырдæуы.
«Гирчи-Фылдæр Сæрибар» лидер Зураб Джапаридзе социалон хызаг «Фейсбукы» фыссы, цæмæй йæ къух бафысдзæнис медиаторты бавдыст нгог документыл, уымæн æмæ документы æвæрд ис ахæстты ссæрибары конкретон механизмтæ, афтæдæр йæ хъуыдыйы кæны стратегион партнерты хъуыды æмæ документæй, бæрæг у парламентон æвзæрстыты ауадзын æрмæст пропорцион системæйæ.
Зураб Джапаридзе афтæдæр хъусын кæны, цæмæй йæ нæ уырны, ацы документæй бантыстдзæнис политикон кризисы ифтыгъдл суадзын уый.
Европаг Советы президент Шарль Мишель, политикон партитæн ног документ знон бавдыста. Сæрмгаондæй та, Шарль Мишелы бавдыст ног документмæ гæсгæйæ, «Гуырдзиаг Бæллиццы» æнхъарæнмæ æмбæлгæйæ, 2022 азы снысан уыдзæн æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ, кæд хицаугæнæг парти, бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстыты 43 проценттæй къаддæрдæр хъæлæстæ райсдзæн.
Уыимæ иумæ, Шарль Мишелы документмæ гæсгæйæ, бадзырд бафыссынæй иу къуыримæ, фарсытæ политизиргонд нымад дыууæ хъуыддаг хъуамæ ногæй æркæсой.