Оппозици æмбарын кæны, цæмæн фæивдта протестон акциты фæдыл пълантæ
Националон Змæлды уæнг Тина Бокучавайы фидиуæнæй, оппозици акциты формæйы модификаци скæнын ахицæн кодта, цæмæй хицауад ацы акцитæй фыдвæнд ма спайда кæна.
«Райсомы акци, кæцы канцелярийы раз пикеты формæйæ хъуамæ ацыдаит, ивд æрцыд æмæ уыдзæн автомобилтæй змæлд , кæцы райдайдзæн Республикæйы фæзæй 13:00 сахатыл æмæ араст уыдзæн Руставы æрдæм, Ника Мелиа ахстæ кæм у уырдæм. 13 марты егъаумасштабон акци, кæцы афтæдæр уыд пълангонд, ахастам 20 мартмæ, уымæн æмæ президент Мишель сфидар кодта конкретон дыууæ къуырийы, кæнæ та фарсытæн ратта практиконæй дыууæ къуырион æмгъуыд уымæн, цæмæй ацы æмгъуыдты æрцæуа разыдзинад уыцы фарстæтыл, кæцы бавдыст сты фæлгæт документы, ккæцы автор уыд йæхæдæг. Махæн иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй алы протестон мадзал, кæцы уагъд цæудзæнис, оппозицийæ иуæймагæй организацигонд уа», – загъта Тина Бокучава.