Опозицион партиты бæрнонты информацимæ гæсгæ, Карл Харцел æмæ Келли Дегнан абон фембæлдтæ хицæнæй ауаддзысты
Опозицион партиты бæрнонты информацимæ гæсгæ, Карл Харцел æмæ Келли Дегнан абон фембæлдтæ хицæнæй ауаддзысты
Парти «Лелойы» сидынц, цæмæй Евроцæдисы минæваримæ фембæлд, минæвары резиденцийы 14:00 сахатыл, «Лелойы» генералон нымæрдар Бадри Джапаридзе æмæ партийы иуæй иу лидер Григол Гегелиаимæ сырæздзæн.
«Мах æрхуыдтой ацы фембæлдмæ æмæ уым рабæрæг уыдзæн фембæлды темæ. Мах алы хатт дæр пайда кæнæм фадатæй, цæмæй нæ æрдхорд минæвæрттæ нæ хъуыды базонгæ кæнæм. Бацархайдзыстæм уæвг кризисæй рахизын» – расидтис Джапаридзе.
Парти «Æмбæстæгты» лидер Алеко Елисашвилийы фидиуæнмæ гæсгæ, минæвæрттимæ комуникаци партийæн ис, фæлæ кæм æмæ кæд фембæлдзысты дипломаттыл нæ бæлвырд кæнынц.
«Гирчийы» лидер Зураб Джапаридзейы ныхасмæ гæсгæ, æнæзонгæ у фембæлды темæтæ, фæлæ хъуыды кæны, цæмæй бæстæйы политикон уавæры фæдыл цæудзæн ныхас.
Фембæлды фарстатæ афтæ дæр æнæзонгæ сты «Стратеги Агъмашенебелийы» лидертæн.