Опозицийы бæрнонтæ конгрессмен Джо Уилсонмæ фыстæгæй басидтысты
Опозицийы бæрнонтæ конгрессмен Джо Уилсонмæ фыстæгæй басидтысты

Опозицийы бæрнонтæ конгрессмен Джо Уилсонмæ фыстæгæй басидтысты . Фыстæг хауы MEGOBARI  акты инициативамæ.

Документы бузныг сидынц Гуырдзыстоны суверинитет æмæ территорион æнæхъæндзинады , демократи æмæ евроатлантикон курсы хъахъæдæн тохы, америкаг адæмы фарсылхæцындзинадæн.

«Мах ныфс дарæм, цæмæй Конгресс æмæ Сенат тагъд æмæ иумæйагæй кусдзысты, цæмæй закон цыбыр рæстæджы райсо, кæцы  бындурæвæрд у нæ æрдхорддзинадыл, уæрæх кæны æххуыс æмæ фарсылхæцындзинад гуырдзиаг адæмы, фæлæ афтæ дæр дæтты бар АИШ-ы хицауадæн архайа уыдоны ныхмæ, кæцытæ гуырдзиаг адæмы ныхмæ сты.

Æввахс мæйты, куы æрбаввахс уыдзыстæм нæ нацийы историйы, критикон периодмæ , уымæн æмæ нæ æмбæстæгтæ тыхсынц æнæпрецедентон æрылхъывды æмæ тыхмийы фæдыл,  мах даргъ кæнæм тох демократи æмæ сæрибардзинадæн, райгонд стæм нæ партнерты фарсылхæцындзинадæй, се æхсæн сæрмагонд взиттæй, кæцыты нысан у Гуырдзыстоны демократийы хъахъхъæд. Мах уырны, цæмæй Конгрессы  делегацийы визиттæ Гуырдзыстонмæ æрхæсдзысты фæстиуæг Гуырдзыстоны сæрибар уарзæг адæмы фарсылхæцындзинадæн æмæ уыдзæн карз сигнал Гуырдзыстоны хицауадæн, цæмæй адæмы хъæлæс тыхæй фæуромын æнæрайсгæ у. Мах афтæ дæр курæм Конгрессы рахицæн кæна æнæмæнг адæймагон ресурс, цæмæй Гуырдзыстоны, октябры, парламентон æвзæрстытыл цæстард уа, уымæн æмæ рискътæ бæрзонд сты æмæ нæ евроатлантикон фидæн историон моменты раз лæууы. Ноджы иу хатт уын бузныг сидæм фарсылхæцындзинадæн» -ис фыст фыстæгы.