Онкологион низджын сывæллæттæн фæсарæнты хоскæныны программæйы партнер клиникæтимæ бадзырдтæ бафыстæуыд
Онкологион низтæй рынчын сывæллæттæн фæсарæнты хоскæныны программæйы партнер клиникæтимæ контракттæ бафыстæуыд.
18 азы онг кары онкологион диагноз кæмæн ис уыцы сабитæн æмæ æнахъомтæн фæсарæнты хоскæныны программæйы партнер клиникæтимæ бадзырдтæ бафыстæуыд.
Æмкуысткæныны фæдыл документ, «Гуырдзыстоны солидарондзинады фонды» къухдариуæггæнæг Экатерине Пественидзе, турчы «Анадолуйы медицинон центры», Испанийы «Кирон Салуды протонотерапийы центры», «Тел-Авив Соурасийы (Ихиловы) медицинон центры» къухдариуæггæнджытæ бафыстой.
«Патрнер клиникæты æхсæн, пациентты райуæрст сæ индивидуалон хъæуындзинæдты, клиникæты æмбæлондзинæдты æмæ пациенты бинонты æвзæрстмæ гæсгæйæ цæудзæн. Программæйы æнæнизхъахъхъæды министрад финанс кæны æмæ йæ афдзæон бюджет, 30 милуан ларийы бæрц у.
Программæйы сæххæстгæнæг у «Гуырдзыстоны солидарондзинады фонд». Фæсарæнты хоскæныны программæ хизгæ этап у Гуырдзыстоны, нырыккон стандартты, бæрзондтехнологион аппаратурæйæ ифтонггонд сабион онкологион падзщахадон центры байгомы онг, кæцыйы тыххæй æнæнизхъахъхъæды министр Зураб Азарашвили 2022 азы декабры райхъусын кодта.
Центры, иу тыгъдады рæувадат уыдзæн медицинон сервситы æххæст спектр. Ацы æрдгæй, æнæнизхъахъхъæды министрад активон куыстытæ æххæст кæны», – хъусын кæнынц æнæнизхъахъхъæды министрады.