Онкологион диагнозджын сывæллæттæн, паддзахадон финансдзинадæй, диагностикæйы æмæ хоскæныны фадат, Турчы, Израилы æмæ Испанийы акæнæг клиникæты уыдзæн
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы къухдариугæй, ацыд хцицауады рабадт. Министрты кабинеты уæнгтæ боны фæткæй бæрæг фондз фарста æркасысты.
Рабадтыл фæуынаффæ кодтой проектыл, кæцымæ гæсгæ дæр онкологион диагнозджын алы сывлæллонæн, паддзахадон финансдзинадæй, диагностикæйы æмæ хоскæныны фадат, Гуырдзыстонимæ иумæ уыдзæн Турчы, Израилы æмæ Испанийы акæнæг клиникæты. Проекты афдзæон бюджет 30 милуан лари уыдзæн.
Хицауады администрацийы пресскусты информацийæ, фæсарæнты сервис ифтонггæнæгæй, рагафон иртасæны бындурыл, нырид æвзæрст сты нырыккон стандартты, æхсæнадæмон аккредитаци кæмæн ис ахæм бæрзондтехнологион клиникæтæ, кæцыты иу тыгъдады иугонд у лæггады æххæст спектр.
«Проекты фæлгæтты, пациенттæн уыдзæн фадат, райсын бæрзондгъæдджын, бæрзондтехнологион медицинон сервситæ, сæ нымæцы протонотерапи, кæцы бæрæг типы солидон ракæн схос кæнынæн, æппынфæстаг ныхас у нырыккон медицинæйы.
Фарста кæсыны рæстæджы бахахх ис, цæмæй хæрзгъæд онкологион сервисты рæувадатдзинад сфитонг кæнын, сæрмагондæй та сабион кары, паддзахады приоритет у» – банысангонд у хицауады администрацийы пресскуысты информацийы.
Афтæма сæ хъусинагæй, æнæнизхъахъхъæды æмæ медицинон уагдæтты æхсæн æмгуыстады фæдыл бадзырдтæ мæйы кæронмæ бафыст уыдзысты, цæй фæстæдæр онкологион диагнозжэын сывæллæттæм, медицинон лæггад райсын куыд Гуырдзыстоны афтæ фæсарæнты, Испанийы, Израилы æмæ Турчы бахъуаджы цауы уыдзæн сæ бон.
«18 азы онг кары пациентты фæсарæнты хоскæныны программæ хизгæ жтап уыдзæн, цалынмæ Гуырдзыстоны не стынг уыдзæн сервистæ æмæ нæ сырæздзæн нырыккон стандартты, бæрзондтехнологион аппаратурæйæ ифтонггонд сабион онкологион паддзахадон центр, кæцыйы рæувадат уыдзæн медицинон сервисты æххæст спектр. Ацы æрдгæй, æнæнзхъахъъæды министрад активон куыст кæны» – банысангонд у хицауады администрацийы публикацигонд информацийы.