Европаг сыхагон политикæ æмæ ауæрæхы фарстаты еврокомиссар Оливер Вархейы визит Гуырдзыстонмæ райдфдта.
Фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, Оливер Вархейæн Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты йæ размæ рацыдысты фæсарæн ъуыддæгты министры хæдивæг Теймураз Джанджалиа æмæ Евроцæдисы Гуырдзыстоны минæвар Вахтанг Махароблишвили.
Афтæма сæ хъусинагæй, дыууæбонон визиты фæлгæтты Еврокомиссар фембæлдтæ ауадздзæн Гуырдзыстоны æххæстгæнæг æмæ закондæттæг хицауады бæрзонддæр гæстимæ.
Ныхас уыдзæн Гуырдзыстоны Евроинтеграцийы процессыл, ацы æрдгæй Гуырдзыстоны прогрессыл æмæ йæ дарддæры къахдзæфтыл.