Оливер Вархей – сеппæтæй нысаниуæгджын уынаффæ уыдзæн, Гуырдзыстоны сæ хъуысдард сцырын кæной рекомендацитыл, кæцы ис Еврокомиссийы аргълæвæрды, ныфс мæ ис Гуырдзыстоны  уый тыххæй алчи бакусдзæн
Оливер Вархей – сеппæтæй нысаниуæгджын уынаффæ уыдзæн, Гуырдзыстоны сæ хъуысдард сцырын кæной рекомендацитыл, кæцы ис Еврокомиссийы аргълæвæрды, ныфс мæ ис Гуырдзыстоны уый тыххæй алчи бакусдзæн

Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  сегасдæр ахсджиаг уынаффæ, кæцы мæ бон у Гуырдзыстонæн раттын, у  рекомендацитыл фокусирдзинад, – уый фæдыл  ауæрæхы  æмæ  сыхагон политикæйы фарстаты еврокомиссар Оливер Вархей  райхъусын кодта Страсбургы, цы ран   европарламенты  фæззыгон сесси байгом ис.

Еврокомиссары фидиуæнæй, Гуырдзыстон  рекомендациты сыххæстæн хъуамæ бакуса.

«Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  сегасдæр ахсджиаг уынаффæ, кæцы мæ бон у Гуырдзыстонæн раттын, у  рекомендацитыл фокусирдзинад, кæцы еврокомиссийы  аргълæвæрды ис  уый тыххæй, цæмæй дискусси  цырдæй  айрæзын кæнæм,  куыд хъуамæ бауа Гуырдзыстон  кандидат бæстæйæ.  Ныфс мæ ис, цæмæй  Гуырдзыстоны уый тыххæй  алчи бакусдзæни», – райхъусын кодта  Вархей.

Уыимæ фарстыл, зæгъгæ  кусæн къордты оппозицийы æххæст спектр хайад нæ исы, Вархей  дзуапп ратта, цæмæй уымæн йæ бон нæу  бæстæйæн амонын  куыд  хъуамæ бацархайа.

«Гуырдзыстон  суверенон бæстæ у, æмæ зоны, цы саразын хъæуы. Уый тыххæй дæр мæ  бон нæу бæстæйæн амонын,  куыд архайын хъæуы.  Фæлæ  мæ сæйраг уынаффæ  алкæмæ уыдзæн,  уыцы хъуыддагыл  бакусой. Уый у уникалон фадат,  кæцы  царды дæргъы  иу  хатты фæзыны», –   баынсан кодта Вархей.