Пхенчханы Зымæджы Олимпион хъæзтытыл майданты ноджы иу комплект райуæрстой. Нæлгоймаг дзоныгъæй ерысгæнджыты турниры уæлахиздзау ссис австриаг спортсмен Давид Глайршер, æвзист æмæ бронзæ майдантæ та рамбылдтой, Америкæ æмæ Германийы минæвæрттæ, Крис Мадзер æм Йоханес Людвиг.
Бакой уын кæндзыстæм гуырдзыстойнаг Гиорги Согъоян, 20 хуыздæр спортсмены æхсæн нæ бацыд, цæй тыххæй дæр финалон этапы хайад нал иста.