Оккупацигонд Цхинвалы а.х. хицауад хъусын кæны, цæмæй «дохтыр Важа Гаприндашвилийы ахстмæ гæсгæ, уыдонмæ хъомыс дарын дзæгъæлы у»
Оккупацигонд Цхинвалы а.х. паддзахадон æдасдзинады комитет, дохтыр Важа Гаприндашвилийы ахсты тыххæй, æлхъывдад, æнæперспективонæй схуыдта – уый фæдыл информаци хъусын кæны агентады «РЕС».
А.х. æдасдзинады комитеты фидиуæны дзырдæуы, цæмæй зæгъгæ «комитет арæныл провокацийы фактыл Тбилисы цæугæ массон протестон акцитимæ сбаста».
Комитеты информацийæ, Важа Гаприндашвили, «арæн 9 ноябры фехæлдта æмæ фæнысангонд факт, хорз цæттæ развæлгъау плангонд уыд».
«Ноябры райдианы, Важа Гнаприндашвили фæсарæнты уыд хъуыддагмæ æрвыст, кæцы рæстæджы дæр Балтийы былы бæстæтæм ныццыд, сæ нымæцы Эстонимæ. 4 ноябры та, Гаприндашвили æрыздæхт Тбилисмæ, цы ран 65 ноябрæй 8 ноябры банымадæй, пациентты иста клиника «Медиклаб-Джорджиайы». 6 ноябры В. Гаприндашвилийы «Гуырдзыстоны Банкъы» хыгъдмæ, премиалон пакет «Соло»-мæ æрвыст æрцыд æхцайæ æрвитæггаг 21 000 ларийы бæрцæй. 8 ноябры та, В.Гаприндашвили йæ клиенттимæ ныхасы фехъусын сын кодта, цæмæй сабат æмæ хуыцаубон, уый Тбилисы нæ уыдаит æмæ сæ райсын, йæ бон æрмæстдæр къуырисæры, 11-мæ адарддæр кодтаит»- дзырдæуы оккупацигонд Хуссар Ирыстоны паддзахадон æдасдзинады комитеты информацийы.
А.х. æдасдзинады комитеты информацийы, афтæдæр дзырдæуы, цæмæй сæм ис Важа Гаприндашвилийы телефонæй ныхæсты ныффыстытæ.
«9 ноябры, 10:00 сахатыл, В. Гаприндашвили фембæлд йæ коллегæ Ираклий Къартъозиаимæ, кæцыимæ иумæ таксийæ Къаспы районы алфамбылай Сакоритллойы цæрæн пункты æрдæм ацыдысты. 11:00-æй 11:40 сахаты онг периоды, В, Гаприндашвили ахызтис а.х. арæныл Монастерийы хъæуы æрдæм, кæцыйы тыххæй уый Ираклий Къартъозиайæн телефонæй ныхасы рæстæджы фехъусын кодта. Ацы телефонон ныхасы фæстæ, Гаприндашвилийы ахсынц. Æрфарсты рæстæджы В.Гаприндашвили райхæлдта, цæмæй арæныл специалонæй ахызтис, цæмæй йæ фæндыд Монастерийы хъæуы аргъуан абæрæг кæнын, фæлæ йын нæ бантыстис, йæ религион цæстæнгасы æмæ дины тыххæй бирæ дырысæй дæр фæныхас кæнын. Афтæдæр В.Гаприндашвили нæзагъд ракодта, дзуапп раттын кæцы партиимæ æмхиц у уый фæдыл фарстытæн. Райхъусын кодта, цæмæй йæ фарс хæцы, Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнгæй суæвынæн, Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæнсæттын нымайы, куыд «Гуырдызстоны æмбæстагы закъонон бары сæххæст, сæрибарæй бынативды фæдыл», Хуссар Ирыстон нымайы «Гуырдзыстоны территорийæ, кæцыйы оккупаци скодта Уæрæсе», йæхæдæг Уæрæсейы та, Гуырдзыстоны паддзахады сæйраг знагæй. Афтæма, В. Гаприндашвилийы дзырдæй, зæгъгæ уый, куыд Гуырдзыстоны æмбæстаг афтæ, йæхимæ уадзы бар, скритикæ кæна Гуырдзыстоны кæцыфæнды политикъон къухдариуæгад æмæ закъонон методтæй æрдома ацы кæнæ æндæр нормативон акт раивын. Ацы фактытæ зæрдыл даргæйæ, афтæдæр Гуырдзыстоны æмæ ныгуылæйнаг медитйы В. Гаприндашвилийы æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæныны æркуырдæй сæвзæргæ истерийæ, комитет комкоммæ сбаста провокацийы Гуырдзыстоны массон протестон акцитимæ. Гуырдзыстоны оппозицийы, йæ ныгуылæйнаг кураторты æмæ афтæдæр официалон Тбилисы архæйдтытæ, самал кæна политикъон дивиденттæ Важа Гаприндашвилийы фæрцы, афтæдæр, балхъива Хуссар Ирыстоны хицауадыл, сæрмагонд мидрейтинг фæхуыздæр кæныны нысанæй, перспективæ цæмæн нæй ахæм архайд у» – банысангонд у оккупацигонд Хуссар Ирыстоны а.х. паддзахадон æдасдзинады комитеты информацийы.