Окупацион режимы скъæфтгонд Гуырдзыстоны æмбæстæгты æссæрибармæ бинонты уæнгтæ абон æнхъæлмæ кæсынц
Окупацион режимы скъæфтгонд Гуырдзыстоны æмбæстæгты æссæрибармæ бинонты уæнгтæ абон æнхъæлмæ кæсынц.
Окупацион режим хъæу Ахмаджы цур Гуырдызстоны æртæ æмбæстаг æрцахстой
Ахстгондтæй иу æнææххæстаздзыд уыд, кæцыйы уырыссаг æфсæдтæттæ тагъд рауагътой. Иннæ æртæ та Къаспы муницпалитеты цæрджытæ сты.
Ахстгондты фæдыл информаци дэ-факто режимы а.х. æдасдзинады комитеты парахат кæны.
Ламисхъанайы цæрæг Гиоргий Заридзейы, хъæу Божамы цæрæг Мераб æмæ Емзар Гамхиташвилиты дэ-факто режимы а.х. арæныл ахызты аххосджын кæнынц. Уыдон Цхинвалы изоляторы сты.
ПÆК-ы инофрмацийæ, Къаспы муниципалитеты цыппар цæрæг æнæзаконон ахсты рæстæгæй ПÆК скусын кодта «тæвд хахх» æмæ информаци алæвæрдта Евроцæдисы миссийы бæрнонтæн.