Оксфорды Университеты библиотекайы хъахъæд Гуырдзыстоны хæдбардзинады петицийы фæдыл ВВС статья парахат кæны
Оксфорды Университеты библиотекайы хъахъæд Гуырдзыстоны хæдбардзинады петицийы фæдыл ВВС статья парахат кæны

Оксфорды Университеты библиотекайы хъахъæд Гуырдызстоны хæдбардзинады петицийы фæдыл ВВС статья парахат кæны

«Библиотекæ Гуырдызстоны петици ссардта» – ахæм номхуындæй у статья.

«Оксфорды 111 азон петици, кæцы гуырдзийаг адæмы автономи æмæ бартæ куры. Гуырдзийаг адæмы петици Бодлейы библиотекайы 1920 æм азæй уыд вæрд, фæлæ йæ нысаниуæгдзинад æрмæст ныр сиис зындгонд. Документы ис фиксиргонд æнæрайгонддзинад уырыссаг политикæйы фæдыл æмæ документыл къух æрфыстой 3000 нæлгоймаг æмæ сылгоймаг» – ис фыст статьяйы.

«Фыццаг цау у, кæд æмæ Гуырдызстоны æмбæстæгтæ сæрмагонд бартæ снысангонд хуызæй æркуырдтой» -сидынц библиотекайы.

Публикацийы ис фыст, цæмæй петици 1907 æм азы Гаагайы æппæтдунеон конференцийы уыд æвдыст, фæлæ Гуырдызстоны хæдбардзинад нæ сыххæст. Бæстæ хæдбардзинад æрмæст 1918 æм азы райста.

ВВС нысан кæны, цæмæй петицийы инициатор гуырдзийаг националист Варлам Черкезишвили уыд, кæцы 1870 æм азты Сыбырмæ аргъæвдæй фервæзт ис æмæ Лондонмæ алыгъд.