Оккупацион тыхты æнæзакононæй  ахст  Гуырдзыстоны æхсæз æмбæстаг сæрибар сты
Оккупацион тыхты æнæзакононæй ахст Гуырдзыстоны æхсæз æмбæстаг сæрибар сты

Уæрæсейы  оккупацион тыхтæ Гуры муниципалитеты  хъæу  Меджврисхевийы цур  территорийыл æнæзакъононæй   Гуырдызстоны æхсæз æмбæстагы  куы  æрцахстой  уыдон нырид  сæрибар сты æмæ  централон хицауады контролгонд территорийыл  сты –  информаци уый фæдыл  Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куыст   публикаци кæны.

«Æнæзаконон æрцахсты фæдыл  информаци æнæаргъвгæйæ  фæактивон кодтам «тæвд хахх» æмæ  скусын кодта  централон  хицауады къухты уæвæг   алы механизм.  Информаци   фехъусын кодтам  Женевæйы  æхсæнадæмон дискусситы  æмсæрдæрттæ æмæ  нæ æхсæнадæмон партнертæн. Фæнысангонд процесмæ  баиу  ис Гуырдзыстоны   Евроцæдисы  цæстдарæг мисси ((EUMM)», –  дзырдæуы ПÆК-ы  информацийы.

Паддзахадон æдадсзинады куысты банысан кодтой, цæмæй  оккупацигонд Гуырдзыстоны и регионты æмæ  оккупацион   хаххы  дæргъмæ сæххæст  алы  деструктивон  архайдыл бæрн æвæрд цæуы оккупацион тыхтыл.

«Централон  хицауад, æхсæнадæмон партнертимæ иумæ, дарддæр кæны  активон кусын   оккупацигонд территоритыл æнæзакъононæй ахст  Гуырдзыстоны  алы æмбæстагы  ссæрибар кæнынæн», –   хъусын кæнынц  ПÆК-ы.