Оккупацион хаххы цур уырыссаг æфсæддæты ахст аргъуанархайæг уæнгы ссæрибар кодтой
Оккупацион хаххы цур, Никозы хъæуы, уырыссаг æфсæддæттæ цы аргъуанархайæг Фыд Давит Дурглишвилийы æрцахстой, уыйы ссæридар кодтой. Информаци уый фæдыл Фыццаг Къаналæн Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куысты сбæлвырд кодтой.
Фыццаг Къаналы кореспондент бынатæй куыд хъусын кæны афтæмæй, оккупацигонд Цхинвалы изоляторæй аргъуанархайæг уæнг цалдæр минуты размæ ныууагъдта. Дурглишвилийы, оккупацион режимы минæвæрттæ, гуырдзиаг барадхъахъæнджытæн Эргнеты постыл радæттой.
Фыццаг Къаналæн, Никозы æмæ Цхинвалы епархийы аргъуанархайæг фыд Давит Чъелимдзе знон фехъусын кодта, фыд Давит Дурглишвилийы уырысаг æфсæддæттæ сæрмагонд быдырæй акодтой, кæцы уæвы оккупацион хаххы цур.
Фыд Давит Дурглишвили оккупацигонд хъæу авневæй у, 2008 азы фæстæ та Гуры цæры æмæ Никозы æмæ Цхинвалы Епархийы службæ кæны.