Оккупацигонд территоритыл цæрæг абитуриенттæн скъолайы фæстæ бацæттæйы программæ скуыста
Оккупацигонд территоритыл цæрæг абитуриенттæн скъолайы фæдылдзог бацæттæйы программæ скуыста. Тбилисы паддзахадон университеты уагъд байгомы мадзалыл абитуриенттимæ фембæлд фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты паддзахадон министр Кетеван Цихелашвили.
Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты паддзахадон министры аппараты информацийæ, программæ оккупацигонд территоритыл цæрæг æвзонгтæн уæлдæр ахуыры банхъарын дары йæ хъуыдыйы. Абитуриенттæ бацæттæйы къурс Тбилисы паддзахадон университеты æмæ Шота Месхиайы Зугдиды паддзахадон ахуыргæнæндоны ацæудзысты. Программæйы пилотон версий, кæцы абонæй скуыста æртæмæййон у. АБитуриенттæ бацæттæйы къурс интенсивон режимæй ацæудзысты, цæй фæстæ дæр дыууæ фæлварæн ратдзысты æмæ националон фæлварæнтæй уæгъдæй, ахуыр адарддæр кæндзысты уыдонæн фæндон уæлдæр ахуыргæнæндоны æвзæрст факуцльтетыл. Ацы ацы сентябрæй та бацæттæйы, иу афæдзон æххæст курс бацæудзæн йæ тыхы.
Цæугæ азы программæйы оккупацион Абхаз æмæ Цхинвалы регионæй 142 абитуриент ацыд регистраци. Уыдонæй 70, къурс ацæудзысты ТПУ-йы, 72 та, Шота Месхиайы университеты.
«Æдæрсгæйæ мæ бон зæгъын у, цæмæй æвæрæм ноджы иу тынг конкретон æмæ реалон къахдзæф хузыдæр фидæны æрдæм уыцы адæймæгтæн, кæытæ оккупацигонд территорийыл цæрынц. Зонут, цæмæй сабырадон план йæ хъуыдыйы дары, хицауады бирæ инициативæ. Абон кусын райдай ы скъолайы фæстæ бацæттæгæнæн центр, кæцы специалонæй оккупаицгонд территоритыл цæрджытæн у арызт, цæмæй сын рæувадат дæр скæна иуы æрдгæй, уыцы ахуыр райсын, кæцыйы райсын оккупацигонд территоритыл нæ сæ бон нæуыдзæн, æмæ иннæ æрдгæй та, уæлдæр ахуыргæнæндæттæм экзаментæ раттын.
Абон мах æмбæлæм адæймæгтимæ, кæцытæн æндæр æмæ æндæр аххосы тыххæй нæ уыд фадат, цæмæй фæнды националон фæлварæнтæ раттаиккой, цæмæй арæх, несфæразгæ уавæрты тыххæй, сæм нæй бацæттæйы фадат. Сæрмагондæй та Галы æмæ Ахалгоры районты, цы ран мадæлон æвзагыл ахуыр арæнгонд у. Иуæй-иу цауты, уый баст у уæззау финансон уавæримæ æмæ оккупацигонд территорийыл уый дæр нæу стæм фæзынд. Абонæй та мах ацы къахдзæфæй сын тынг бирæ уæлидзинад ратдзыстæм æмæ хъуыды кæнын, цæмæй ай æцæгдæр архайадон, реалон æххуыс у Абхаз æмæ Цхинвалы регионы цæрджытæн»- райхъусын кодта паддзахадон министр.
Ахуырадон программæ сабырадон инициативæ «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм» скæнæг хай у æмæ уый паддзахадон министры аппараты инициативæйæ, Гуырдзыстоны, ахуырады. Культурæ æмæ спорты министрады æххуысæй скуыста. Уымæй дарддæр, æмæ æвзонгты ахуыр æнæхъæнæй сфинанс уыдзæн, сæ цæрæн уавæртæй сифтонг кæнын дæр у плангонд. Бацæттæгæнæн центры ахуыры рæстæджы, уыдон стипендитæ дæр райсдзысты 150 ларийы бæрцæй.