Оккупацигонд Цхинвалы Уæрæсеимæ а.х. арæныл змæлдыл тобæ, 31 майы онг адарддæр кодтой
Оккупацигонд Цхинвалы Уæрæсеимæ а.зх. арæн æрыхгæды фæдыл тобæ 31 майы онг адарддæр кодтой, уæлрадон уавæры режим та 11 майы онг архайдзæн.
Оккупацигонд Цхинвалы а.х. президенты спикер Гасситы Динæ фехъусын кодта, цæмæй тобæ нæ хауы Цхинвалы æмбæстæгтæм, кæцытæ Уæрæсейæ æздæхынц, афтæм, Цхинвалы аккредитацигонд дипломативон корпусы минæвæрттæм. Арæнæвæрдтæ нæ ахæлиу уыдзысты нæдæр Уæрæсейы Федерацийы уыцы æмбæстæгтыл, чидæриддæр хицауадон оргæнты барамындæй а.х. республикæ фтонг кæнынц æнæмæнгхъæугæ базайрагæй. Арæныл рахизыны бар афтæдæр уыдзæн Уæрæсейы посты кусджытæн.
«Ковид-19»ы ахæлиу бауромыны нысанæн оккупацигонд Цхинвалы Регионмæ æххæстæй æхгæд сты а.х. ацæуæн пункттæ. Афтæдæр тобæгонд у æхсæнадон мадзæлттæ ауадзын æмæ æхгæд сты ахуыргæнæндæттæ.