Оккупацигонд Цхинвалы дохтыр Важа Гаприндашвилийы радон а.х. тæрхонон процесс абон ацæудзæн
Оккупацигонд Цхинвалы, дохтыр Важа Гаприндашвилийы а.х. тæрхонон процесс абон 11:00 сахатыл ацæудзæн.
Гуырдзыстоны адвокатты ассоциацийы сæрдар Давит Асатианийы хъусын кæны, цæмæй алы процедурон разæууæл ис, афтæдæр ис æнхъæлц цæмæй Важа Гаприндашвили абон ссæрибар уыдзæн.
«Процедуронæй ис алы разæууæл, цæмæй йæ ссæрибар кæной. Ис нæм информаци æмæ не рдыгæй курæг стæм алкæмæй равдисæт æмбаргæдзинад æмæ дохтыры ацы гуманон профессийы минæвар, рæхджы æрыздахой бинонтæм», – райхъусын кодта Давит Асатиани.
Хицаугæнæг балы дзурынц, цæмæй зæгъгæ Важа Гаприндашвилийæн солидарондзинад æвдисы æппæт дуне æмæ хицауад йе ссæрибаркæнынæн алы механизмæй активонæй пайда кæны. Парламенты фыццаг вице-спикер Гиа Вольски ныфс дары, цæмæй Цхинвалы дефакто хицауад æмбаргæдзинад равдисдзæн æмæ раст скуыддзаг рахæсдзæн.
«Цхинвалы сæхæдæг дæр хъуамæ æмбарой, де факто хицауад уыйимæ баст тæрхон дæр, цæмæй ацы фарста ахызт цыфæнды барады фæлгæттæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ æмбаргæдзинад равдисдзысты, политикъон нысаниуæг нæ ратдзысты æмæ скуыддзаг рахæсдзысты раст», – райхъусын кодта Гиа Вольски.
Важа Гаприндашвилийы а.х. тæрхонон процесс 13 декабры ацыд. Цхинвалы оккупацион режим дохтыры ахсты ныууагъдта.
Важа Гаприндашвили мæййæ фылдæр у, Цхинвалы изоляторы уæвы. Дохтыры 9 ноябры æрцахстой. Оккупанттæ Важа Гаприндашвилийы а.х. арæнсæттыны зылынджын кæнынц, фæлæ Гаприндашвили хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны территорийыл ницы арæнтæ исы нымадмæ æмæ аххосагыл нæ сæтты. Уымæн Оккупацигонд Цхинвалы а.х. тæрхондон, дыууæмæйон развæлгъау ахст стæрхон кодта.