Оккупацигонд  Цхинвалы  де-факто режим  30 декабрæй  3 январмæ а.х.  арæн  æрхгæндзæн
Оккупацигонд Цхинвалы де-факто режим 30 декабрæй 3 январмæ а.х. арæн æрхгæндзæн

Оккупацигонд  Цхинвалы   де-факто режим  30 декабрæй   3  январмæ   а.х.  арæн   æхгæны.   А.х. æдасдзинады  департаметы  куыд райхъусын кодтой автæмæй   аххос  зæгъгæ у   Ног азы  бæрæгбоны  тыххæй  æдасдзинады  мадзæлттæ фæтыхджындæр.  Информацийы хъусын кæны агентад «РЕС».

«30 декабры 20:00 сахатæй   рæстæгмæ  урæд æрцæудзæн   Хуссар Ирыстон-Гуырдзыстоны   паддзахадон арæны   «Кардзманы» фадыгыл  змæлд,  кæцы  сног уыдзæн   3  январы  06:00  сахатæй  æмæ   хуымытæг режимæй адарддæр кæндзæн   кусын»,- банысангонд у  де-факто  уагдоны  хъусинагы.

Куырдиаты  афтæдæр банысангонд у, ома  дыууæ  ауадзæн   пункт  нырма   ноджы  сентябры райдианæй   а.х.  арæны цур  уавæр кæй фæкарз ис,  уый  тыххæй  æрцыд  æхгæд. Гуырдызстоны  Фыццаг Къаналæн    паддзахадон æдасдзинады   куысты  куыд фехъусын кодтой  афтæмæй,    оккупацион тыхты  минæвæрттæ  бæрæг   периодгай, æрымысгæ  æфсонæй  æнæзакъононæй  арæн кæнынц  сæрибар  змæлд   оккупацион   хаххы  дæргъмæ.

«Фæнысангонд  фарстайы   тыххæй   фæактивон ис тæвд хахх æмæ информиргонд у  Евроцæдисы  цæстдарæг мисси.  Æнæзакъонон арæнæвæрдтæ  нысаниуæгджынæй  зиан кæнынц   бынатыл уæвæг   æдасдзинады  уавæр æмæ   проблемæтæ аразынц  бынæттон  æрвылбойнон  цардуагæн»,- хъусын кæнынц  ПÆК-ы.