Оккупацигонд Цхинвалы де-факто хицауад домы Женевæйы дискусситы боны фæтк ногæй æркæсын
Оккупацигонд Цхинвалы де-факто хицауад, Женевæйы дискусситы боны фæткъы ногæй æркæсын куры. Уый фæдыл сепаратистон режимы а.х. президенты минæвар Джиоев Мурæт райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Женевæйы дискусситы боны фæткъ бынтон æнæмбæлон у фæнысангонд форматы раз уæвæг рардмæ.
«Уый тыххæй мах банхъардтам раунды размæ боны фæткъ æркæсын. Сæрмагондæй та, мах бирæ хатт рацыдыстæм инициатвæйæ, дискусситы боны фæткы æртыккаг пунктæй сисæм фраза «Æдасдзинады æхсæнадæмон мадзæлттæ»- райхъусын кодта уый.
Джиоевы æмбарынгæнæнтæм гæсгæ, боны фæткъы номхуынд у – «Тыхæй æнæспайда æмæ æдадсзинады æхсæнадæмон мадзæлттæ».
«Тыхæй æнæспайда у иттæг актуалон фарста æмæ Женевæйы дискусситы сæйраг рард, цыдæриддæр та иннæ хаймæ æххæссы – «Æдасдзинады æхсæнадæмон фæткæвæрд», мах æмæ нæ контрапртнертæ сæ ныгуылæйнаг армдарджытимæ иумæ, æнæр æмæ æндæргъуызон æмбарæм. Уымæ гæсгæ, хъуыды кæнын цæмæй фæнысангонд формулировкæ æнæмæнгхъæугæ нæу» – банысан кодта Джиоев.
Оккупацигонд Цхинвалы де-факто президенты минæвары фидиунææй а.х. Хуссар Ирыстонæн æдасдзинады æхсæнадæмон мадзæлттæ кæнæ гаранти, уырыссаг æфсæддæтты æмæ арæнхъахъхъæнджыты уæвынад у.
«Гуырдзыстонæн æдасдзинады ахæм æхсæнадæмон гарантитæ сты æндæр тыхтæ, уый тыххæй дæр рацыдыстæм инициатвæйæ, сыхалæм ацы пункт дискусситы боны фæткæй» – загъта Джиоев.
А.х. Хуссар Ирыстоны делегаци афтæдæр домы боны фæткъмæ æвæндаг æрбайсæфтуæвджыты бацагуырды фарста бахæссой.