Оккупацигонд Абхазы уырыссаг туристы марындзинады зылынмæ лæвæрдтæн стæрхон кодтой 18 азон ахст
Оккупацигонд Абхазы уырыссаг туристы, Андрей Кабановы марындзинады тыххæй, Гудаутайы районы дыууæ цæрæгæн, фæйнæ 18 азон ахст стæрхон кодтой. Уый фæдыл оккупацигонд Абхазы сæйраг тæрхондоны а.х. пресс-куыст райхъусын кодта.
Марындзинад æрцыд 2017 азы июны Приморскъы. Ахст æфсымæртæ Адгур æмæ Даур Джинджолиатæ сты.
А.хх тæрхондоны фидиуæнæй, уыдон стыгъды æмæ хца байсыны нысанæй, уырыссаг туристы аскæфтой æмæ йæ амардтой.
А.х. тæрхондоны уынаффæйæ, зылынмæ лæвæрдтæ, фæмардуæвæгы бинойнагæн, компенсацийы хуызæй хъуамæ бафидой 900 мин рублы.