Оккупацигонд Абхазы Ираклий Бебуайæн 9 азæй ахст æнæзакононæй стæрхон кодтой, – уый фæдыл Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куысты фидиуæны у банысангонд.
ПÆК-ы хъусинагæй, факты фæдыл æнæаргъæвгæйæ фехъусын кодтой Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттæн.
«Ираклий бебуайæн, афтæ куыд оккупацигонд территоритыл, æнæзаконон ахæсты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты æнæуæлдайныхасæй ссæрибар кæныны фарстæ, карзæй бавдыст уыдзæн цæугæ азы 10-11 декабрмæ плангонд Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы радон раундыл», – хъусын кæнынц ПÆК-ы.
Галы цæрæг Ираклий Бебуайы сентябры кæрон Абхазаг тырыса басудзыны тыххæй æрцахстой. Фæстæдæр, Абхазы де-факто МХ министрад райхъусын кодта, цæвиттон Бебуайы хæдзары ссардтой гранатæ.