Официалон бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны æмтгæй райсгæйæ вакцинацигонд у 1 366 678 æмбæстаг
8 сентябры бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусон инфекцийы ныхмæ æмтгæй райсгæйæ вакцинацигонд сты 1 366 678, – уый тыххæй информаци хъусын кæны низты контролы националон центр.
Афтæма сæ информацийæ, 7 сентябры сæхицæн низы ныхмæ хос бафтыдтой 27 011 адæймаг.
Уыимæ иумæ, иу дозæйæ вакцинацигонд сты 856956 адæймаг, æххæстæй вакцинацигонд сты 509 722.
Вирусæй инфицирады ног цауты æрдгæй та абоны статистикæ ахæм у: сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 2 571 ног цау, сæнæниз ис 3 668 пациент. Коронавирусæй рынчын ноджы 60 пациент та амард.