Официалон бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны æмтгæй райсгæйæ вакцинацигонд у 1 326 033 æмбæстаг, 5 сентябры сæхицæн низы ныхмæ хос бафтыдтой 16 298 адæймаг
6 сентябры бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусон инфекцийы ныхмæ æмтгæй райсгæйæ вакцинацигонд сты 1 326 033, – уый тыххæй информаци хъусын кæны низты контролы националон центр.
Афтæма сæ информацийæ, 5 сентябры сæхицæн низы ныхмæ хос бафтыдтой 16 298 адæймаг.
Æххæстæй вакцинацигонд сты 480 613 адæймаг, æрмæст Иу дозæйæ вакцинацигонд сты 845 420 æмбæстаг .
Вирусæй инфицирады ног цауты æрдгæй та абоны статистикæ ахæм уыд: сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 120 ног цау, сæнæниз ис 4 905 пациент. Коронавирусæй рынчын ноджы 61 пациент та амард.