Официалон бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны æмтгæй райсгæйæ вакцинацигонд у 1 314 104 æмбæстаг, 4 сентябры сæхицæн низы ныхмæ хос бафтыдтой 22 733 адæймаг
Официалон бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны æмтгæй райсгæйæ вакцинацигонд у 1 314 104 æмбæстаг, 4 сентябры сæхицæн низы ныхмæ хос бафтыдтой 22 733 адæймаг

Фыццаг  сентябры  бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны  коронавирусон инфекцийы ныхмæ  æмтгæй  райсгæйæ вакцинацигонд сты 1 314 104  æмбæстаг, – уый тыххæй  информаци хъусын кæны  низты контролы  националон  центр.

Афтæма  сæ информацийæ, 4 сентябры  сæхицæн низы ныхмæ  хос  бафтыдтой  22 733  адæймаг.  Æххæстæй   вакцинацигонд сты  475 748 адæймаг, æрмæст  Иу дозæйæ вакцинацигонд сты 362 608  æмбæстаг .

Вирусæй  инфицирады  ног цауты  æрдгæй  та  абоны  статистикæ ахæм уыд:  сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  2 210  ног цау, сæнæниз ис 5 587  пациент. Коронавирусæй  рынчын ноджы 74  пациент та   амард.