Официалон бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны æмтгæй райсгæйæ вакцинацигонд у 1 145 925æмбæстаг, 28 августы сæхицæн низы ныхмæ хос бафтыдтой 20 678 адæймаг
Официалон бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны æмтгæй райсгæйæ вакцинацигонд у 1 145 925æмбæстаг, 28 августы сæхицæн низы ныхмæ хос бафтыдтой 20 678 адæймаг

29 августы бæрæггæнæнтæй,   Гуырдзыстоны  коронавирусон инфекцийы ныхмæ  вакцинацигонд сты æмтгæй  райсгæйæ 1 145 925 æмбæстаг – уый тыххæй  информаци хуъсын кæны  низты контролы  националон  центр.

Уыимæ иумæ,  официалон бæрæггæнæнтæй  28 августы  вакцинæ  арызт уыд  20  678 адæймагæн.  Иу дозæйæ вакцинацигонд сты 771 055 адæймаг, кæцы  æххæстадзыд  цæрджыты 27 проценты бæрц у,  æрмæст æххæстæй  вакцинацигонд сты  374 870, кæцы у  æххæстаздзыд   цæрджыты 13.1  проценты бæрц.

Вирусæй инфицирады  ног цауты тыххæй  куы зæгъæм,  Гуырдзыстоны  коронавирусы 2 669 ног цау  сбæрæг ис, снæниз сты  6177 пациент,  76 фæрынчынуæвæг та  амард.