ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы пленарон рабадтыл Николоз Самхарадзе раныхас кодта
ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы пленарон рабадтыл Николоз Самхарадзе раныхас кодта

ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы сæрдыгон рабадтыл æттаг ахастыты комитеты сæрдар æмæ Гуырдзыстоны парламенты иудадзыг делегацийы къухдариуæггæнæг Николоз Самхарадзе хайад исы. Уый фæдыл Гуырдзыстоны парламент информаци парахат кæны.

Парламенты информацимæ гæсгæ, Николоз Самхарадзе ассамблейы пленарон рабадтыл ныхас сарæзта, цы ран æхсæнадæмон барады фундаменталон принциптæ хъахъхъæныны нысаниуæгыл фæныхас кодта, сæрмагондæй та территорион æнæхъæндзинады принцип æмæ фæстаг рæстæджы фæзынд тыхстгæнæг тенденцитыл.

«Фæстаг рæстæджы цаутæ бæлвырд кæнынц, цас æнæфидар у стыр паддзахадты æнæфæцудгæдзинад æхсæнадæмон барады бындурон нормæтыл.Уый уæлдай тынгдæр тыхсын кæны ахæм паддзахæдтæн, куыд Гуырдзыстон, кæцыты регионтæ – Абхаз æмæ Цхинвалы регион оккупацигонд сты Уæрæсейы æрдыгæй», -расидтис Николоз Самхарадзе.

Делегацийы сæргълæууæг хъусдард сцырын кодта оккупацигонд регионты карз гуманитарон уавæрмæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, дэ-факто Уæрæсейы фарсылхæцæг «авторитеттæ» арæн кæнынц этникон гуырдзиаг сывæллæттæн мадæлон æвзагыл ахуырад райсыны бар. Уыимæ иумæ, оккупацион тыхтæ системонæй ивынц гуырдзиаг аргъуантæ æмæ моладзандонты хуыз, афтæмæй барæй сæфынц гуырдзиаг динон æмæ культурон бынты фæдтæ уыцы зæххыл, кæцы историонæй Гуырдзыстоны паддзахаддзинады æнæфæхицæнгæнгæ хай у.

Æдтаг æмахастыты комитеты сæрдары ныхасмæ гæсгæ, ацы фарстайыл иуæй-иу паддзахадты позици, кæцытæ сæхи Гуырдзыстоны хæлæрттыл нымайынц, зæрдæхсаинаг у.