ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы минæвар Хуссар Кавказы – арф тыхст дæн, Гуырдзыстоны бынæттон æвзæрстыты фæстæ цы æндыгъддзинад æмæ тыхмидзинад рæзы, уый тыххæй
ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы Хуссар Кавказы сæрмагонд минæвар Луис Грача тыхстдзинад æвдисы 4 октябры бынæттон æвзæрстыты фæстæ Гуырдзыстоны змæстытæ æмæ хицауады ныппырх кæныны фæлварæнты тыххæй – уый фæдыл ЕÆÆО-йы парламентон ассамблейы пресс-службæйы хъусинаджы ис фыст.
ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы сæрмагонд минæвар сиды Гуырдзыстоны хицауадмæ сабырадон ассамблейæн кад кæнын æмæ хъусын кæны, цæмæй уыдон «хъуамæ æххæст кæной, цæмæй æмбæстагон æхсæнад сæрибарæй æмæ æнæ тасæй архайа».
«Тынг мæт кæнын Гуырдзыстоны бынæттон æвзæрстыты фæстæ рæзгæ æндыгъддзинад æмæ тыхмидзинад.Демокративон хицауиуæгад хъуамæ бындуриуæг кæна закъоны уæлдæрдзинадыл, дзуапдæттæндзинад æмæ сабырадон политикон диалогыл.Сидын æппæт æнæмæнгхъæугæ партитæм, цæмæй сæхи бахизой цыфæнды хуызы тыхмидзинадæй æмæ сидын алы политикон тыхтæм, сæхи бафæдзæхсой легитимон политикон процессты фæлгæтты кусынмæ», -расидтис Луис Грача.
Уымæй уæлдай ма, ОБСЕ-йы парламентон ассамблей нысан кæны йæ хæс политикон архайджытæн æмæ æмбæстагон æхсæнадæн æххуыс кæнынæн.