ОБСЕ-йы Гуырдзыстоны ёрдхорды къорд абон расидён сарздзысты

Михаил Джанелидзе –ОБСЕ-йы æрдхордты къорд фарсылхæцындзинад раисдтис Гуырдызстоны суверинитет æмæ територион æнæхъæндзинадæн. Гуырдызстоны вице-премьеры, æттаг хъуыдтæгты министр Михаил Джанелидзейы аргълæвæрдмæ, ОБСЕ-йы министрты 24-æм рабадты фæлгæтты, нысаниуæгджын бынат бацахста Европайы уæвæг конфликттæ æмæ актуалонæй уыд каст гуырдызстоны уæвæг конфликт дæр, цæй рæстæджы дæр Гуырдызстоны партнертæ, бæстæтæ ноджы иу хатт сфиксир кодтой фарсылхæцындзинад Гуырдзыстоны суверинитет æмæ територион æнæхъæндзинадæн. Информаци уый фæдыл æттаг хъуыдтæгты министрад пархат кæны. Михаил Джанелидзейы расидæнмæ гæсгæ, ОБСЕ-йы роль конфликты сабырадон æрбинонныгы тынг нысаниуæгджын у. Уый зыны ОБСЕ-йы активон хайадистæй Женевайы бадзырдты процессы. Джанелидзейы ныхасмæ гæсгæ, нысаниуæгджын у, цæмæй уæрсе сыххæст кæна йæ хæслæвæрдтæ, кæцыйы афтæ дæр ис ныхас Гуырдызстоны æрдхордты къорды расидæны. «Ацы хæслæвæрдтæ сты Гуырдызстоны териториты дэокупаци, консструкутивон хайад ист Женевайы бадзырдты процессы æмæ уыцы фадатты сарæзт, кæцытæ хауынц æппæтдунеон æдасдзинады механизмтæ окупиргонд територитыл æмæ æппæтдунеон мисситы бауагъд снысангонд територитæм.