Ныгуылæн дзуапп хъуамæ æрдома Уæрæсейæ, Гуырдзыстон æмæ Украинайы сæххæст агрессийы тыххæй
– ацы фидиуæн Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министр Урмас Рейнсалу эстойнаг медиимæ интервьюйы сарызта.
Урмас Рейнсалу ныфс равдыста, цæмæй Евроцæдис нæйы зæгъгæ нæ зæгъдзæн Уæрæсейы æрдæм архайæг санкциты политикæ фæтыхджындæр кæныныл.
«Ныр Ныгуылæны логикæмæ куы акæсæм, ис æртыккаг рæдыды тас. Гуырдызстоны цауы æнархайддзинадæй, Уæрæсе удцырын ыссис, æмæ нырма Хъырымы равдыста дзæмбытæ, стæй Луганскы, Донецкы. Кæд æгъгъæд хъæддых дзуапп нæ уыдзæн, æмæ Уæрæсейæн ай митæ зынаргъ нæ слæуудзысты, уæд Мæскеуы йæхи æртыккаг интервенцийæ нал бауромдзæн. Ай гæнæн ис æрцæуы планетæйы кæцыфæнды ран», – райхъусын кодта эстойнаг диломат.