Ныфс дарын, Саломэ Зурабишвили равдисдзæн Гуырдзыстоны фæндон Европарлламентимæ æмгуыстады адарддæрыл æмæ Гуырдзыстоны позици евроинтеграцийыл
Ныфс дарын президент равдисдзæн Гуырдзыстоны фæндон Европарламентимæ æмгуыстад адарддæр кæныны фæдыл, афтæма Гуырдзыстоны позици евроинтеграцимæ гæсгæ, – уый фæдыл европарламентари Йозас Олекас Саломэ Зурабишвилийы Европарламенты плангонд ралæуды тыххæй райхъусын кодта.
Йозас Олекасы фидиуæнæй, зæгъгæ европарламентæн уый иттæг нысаниуæгджын у. Уыимæ ма Йозас Олекас ныфс дары, цæмæй афæдзы кæрон Гуырдзыстон райсдзæн кандидаты статус.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, гуырдзиæгтæ цыт кæнынц европаг хæзнатæн законы сæйрагдзинадæн, демократийæн, дзырды сæрибарæн. Уый нæ европаг бинонты нысаниуæгджын стандарттæ сты, кæцытæн бирæ бæстæ цыт кæны, сæ нымæцы Гуырдзыстон. Ныфс дарæм, Гуырдзыстон хуынд уыдзæн евроцæдисмæ кандидаты статусæй. Ныфс мæ ис афæдзы кæрон райсдзыстут статус, фæлæ иурæстæгонæй уый Гуырдзыстоны хицауады æмæ адæмыл у баст, сæ цæттæдзинадыл, ауадзый реформæтæ, райсой европаг хæзнатæ æмæ уыдоны æрвылбойнон цардуагы сфидар кæной». – райхъусын кодта Йозас Олекас.