Норвегийы минæварад – Авд æнæхицауадон организацийы банкъон хыгъдты байст у ноджы иу къахдзæф демократийы скуынæг кæныны æрдæм
Гуырдзыстоны Норвегийы минæварад, прокуратурæйы цæугæ фæдагуырды фæлгæтты, цалдæр æнæхицауадон организацийы банкъон хыгъдты æрæхгæды фæдыл дзуапп дæтты.
Минæварады куыд фыссынц афтæмæй, уый у ноджы иу къахдзæф демократийы скуынæгы æрдæм.
«Авд æнæхицауадон организацийы банкъон хыгъдты æрурæд у ноджы иу къахдзæф Гуырдзыстоны демократийы скуынæгы æрдæм æмæ серьозон цæф алы уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæ пайда кæнынц ацы организациты нысаниуæгджын лæггæдтæй» – фыссы Норвегийы минæварады.
Прокуратурæйы цæугæ фæдагуырды фæлгæтты цалдæр æнæхицауадон организацийы банчы хыгъдтæ æрæхгæдтой. Прокуратурæйы информацимæ гæсгæ, фæдагуырд хауы саботажмæ, уæззаугæнæг уавæрты диверсийы бафæлвæрдмæ, фæсарæйнаг организацийæн кæнæ фæсарæйнаг контролы бын организацимæ знаггадгæнæг архайдтыты æххуысмæ æмæ Гуырдзыстоны конституцион фæтк æмæ националон æдасдзинады бындуртæм здæхт архайдтытæн æхцайы мобилизацимæ. Прокуратурæйы информацимæ гæсгæ, фæдæвзарæн сбæлвырд кодта, цæмæй сæрмагонд фæрæзтæй барадхъахъæнджыты ныхмæ тызмæг архайдтытæ æххæстгæнæг демонстрацийы хайадисджыты ифтонггарз координацион уагæй, се æхсæн æнæхицауадон организациты æхцайы фæрæзтæй сыххæст ис.