Норвегийы   фæсарæн хъуыддæгты   министрад  гуырдзиаг  дохтыры, Важа  Гаприндашвилийы  æнæаргъæвгæйæ  ссæрибар  кæнын домы
Норвегийы фæсарæн хъуыддæгты министрад гуырдзиаг дохтыры, Важа Гаприндашвилийы æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæнын домы

Норвегийы   фæсарæн хъуыддæгты   министрад  гуырдзиаг  дохтыры, Важа  Гаприндашвилийы  æнæаргъæвгæйæ  ссæрибар  кæнын домы.   Уый  фæдыл  дзырдæуы   уагдон социалон хызаг «Твиттеры»  цы  куырдиат равæрдта   уый  мидæг.

Курдиатмæ гæсгæйæ,  Норвеги  сиды   оккупацион   режиммæ,  Важа  Гаприндашилийы  æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæной  æмæ   разы у   Евроцæдисы  æддæ  архæйдтыты  куысты ахæлиугонд  куырдиатимæ.

21 декабры  ахæлиугонд  куырдиаты  мидæг Евроцæдисы  ныфс  разæгъынц, ома  Цхинвалы   хицаугæнæг  органтæ, æнæаргъæвгæйæ  хъуамæ  ссæрибар   кæной  Важа Гаприндашивлийы  æмæ йын раттой  бар  йæ  бинонтæм æрыздæхын.

20 декабры   Цхинвалы  оккупацион   режим,  Важа Гаприндашвилийæн иу  афæдз æмæ   фараст мæййæ  ахст  стæрхон кодта.