Номдзыд америкаг рауагъдад, гуырдзиаг цыхты хуызты фæдыл публикаци кæны статийы
«Гуырдзыстоны рох цыхт» – ацы сæргондæй статийы публикаци кæны америкаг рауагъдад «Saveur».
Публикацийы автор Гуырдзыстны регионты цы цыхты хуызтæ ис уыдон фæдыл фыссы. Иуæй-иу ахæм хуызæй, бавдыст у «Нарчви», кæцыйы статийы авторы дзырдæй, Сванеты, сæрмгаондæй та Лахамулайы бацахсынц.
«Фысым ацы цыхты схуыдта Хуыцауы лæварæй æмæ ацы ныхас уæлдайджын нæ уыд, уымæн æмæ æцæгæй дæр æнæординарон цыхт уыд. Нарчви у – сдуры æхсырæй, арф æмæ интенивон аромат кæмæн ис ахæм цыхт, кæцыйæн йæ текстурæ у нæлхæйы æнгæс æмæ йæ ад та сæрæй адджынгомау у. Уый иу афæдзы дæргъ бавæрынц хъæдæй асыккы. Уый фæстæ цыхтмæ ма иу бафты æхсæры ад» – фыссы «Saveur».
Автор куыд фыссы аффтæмæй, уымæн Сванеты ракодтой нарвийæ хæбисджынтæ, кæцыйы мидæг афтæдæр уыд гæны мыггаг.
«Уый ацы раны ноджы иу рох традици у, кæцы хæбизджынæн сæрмгаонд ад ратта»- дзырдæуы статийы.
Публикацийы автор афтæдæр банысан кодта, Ахалцихейы муниципалитеты, Турчы арæнæй цалдæр километры уæвæг хъæуы Андриацъминдайы ахст уæцъæфы цыхт, кæцыйы æвæрынц уæцъæфы мидæг. «Ай у сдуры æхсырæй цыхт, кæцы æртæ мæйы дæргъы æвæрд вæййы уæцъæфы» – дзырдæуы статийы.
«Saveur» афтæдæр уæрæх фыссы саст цыхты æрцæттæйы техникæйы фæдыл æмæ Картлийы цæрæг ахъарайæгты ахст цыхт «Шушвелайы» тыххæй.
Афторы хъуыдымæ гæсгæ, гуырдзиаг цыхты æмæ сæны гъæд фæныллæгдæр ис Совветон Цæдисы режимы хицауиуæгы рæстæджы.
«Гуырдзиаг цыхты хуызтæ, афтæдæр куыд сæн, Советон Цæдисы рæстæджы æрбайсæфтысты, сæндуцджытæ фылдæр нæбæзгæ сæн дыгътой æмæ афтæ дарддæр кодта 90-æм азты онг, фæлæ сæны базары ауæрæзимæ иумæ, сæндуцджытæ традицион методтæм æрыздæхтысты æмæ сæн дарттой зæххы ныгæд æлыгæй быркуыйы мидæг. Абон бирæ гуырдзиаг натуралон авгы сæныл, Æппæт Дунейы стыр æркуырд ис – ацы сæн басгардзыстут Лс-Анджелесы æмæ Паризы Нео-Бистроты» – дзырдæуы статийы.
Уымæй дарддæр ма публикацийы банысангонд у, цæмæй Гуырдзыстоны националон музейы æвæрд сты цыхт ахсынæн хъæугæ атрибуттæ, еæцыты хайыл 8000 азы цæуы. Авторы дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны сæм ныфс ис, цæмæй тагъд Дуне сæ фыдыбæстæйы æнæрмæст сæнæй, фæлæ ма цыхтæй дæр базондзæн.