Ногарызт корпусты æрцæрын кæй фæнды, уыцы лигъдон бинонты куырдиæтты райст фыццаг марты онг адарддæр уыдзæн
Тбилисы, Зугдиды, Кутаисы æмæ Руставы ногарызт корпусты цæрын кæй фæнды, уыцы лигъдон бинонты куырдиæтты райст 2024 азы фыццаг марты онг адарддæр уыдзæн.
Æнæнизхъахъхъæды министрады куыд банысан кодтой афтæмæй, лигъдæтты агентад тыхбынбынативгæ бинонты интерестæ йæ зæрдыл бадардта æмæ бæрзонд æркуырды тыххæй, куырдиæтты баххæст кæныны æмгъуыд ноджы иу мæйæ адарддæр кодта.
Куырдиæтты райст бæстæйы масштабæй уæвæг юстицийы хæдзартты цæуы. Ног куырдиат хъуамæ баххæст кæна алы уыцы бинонтæ, кæйдæриддæр лигъдæтты æрцæрын кæныны программæйы фæлгæтты фæнды хæдзар райсын.
«Лигъдон бинонтæн нырыккон стандарттæм æмбæлон цæрæн фæзуаттæ 2025 азы кæронмæ хъуамæ адæттой. Гуырдзыстоны хицауад, лигъдæтты цæрæнуатæй сифтонг кæныны нысанæн, 900 милуаны аргъы проект æххæст кæны, кæцыйы фæлгæтты, 13000 лигъдон бинонты æрцæрын кæндзысты», – банысангонд у æнæнизхъахъхъæды министрады публикацигонд информацийы.