Ног боны бæрæгбоны периоды пиротехникайæ зианбаййафджыты нымæц 111 мæ баххæсыд
Ног боны бæрæгбоны периоды пиротехникайæ зианбаййафджыты нымæц 111 мæ баххæсыд

Ног боны бæрæгбоны периоды пиротехникайæ зианбаййафджыты нымæц 111 мæ баххæсыд

 

Хирургийы   националон центрмæ,   ивгъуыд æхсæвы  пиротехникæйæ  пайдакæныны  фæстиуæгæн  зианбаййафæг  дæсгай  адæймагы фæхæццæ кодтой,   кæцыты  нымæцы æхсæзы  уавæр абаргæйæ уæззау у.

Фыццаг каналæн  хирургийы  националон центры   ангеологийы  æмæ  реконструкцион   хирургийы  жепартаменты къухдариуæггæнæг  Ираклий Перадзе куыд фехъусын кодта  афтæмæй,    ацы  6 пациентæй  æртæйæн  бахъуыд хирургион  æххуыс æмæ сæ  хæдзармæ дæр афыстой, æрмæст æртæйæн та  бахъуыд стационары  хос кæнын.

«Æртæ   пациенты уавæр уыййас уззау разынд,  æмæ  тыхбын фестæм стационары  сæ ныууагъдаиккам. Уыдонæн  скъуыд  уыдысты къабæзтæ æмæ   æнæкæсгæ   реконструкцион хирургийы æппæт ресурсæй  спайдамæ,  вæццæгæн  зиангонд къхуы  функций фæцыбырдæр уыдзæн.   Иу пациентæн бахъуыд  æнгуылдзты ампутаци.