Ног азы размæ хихджын бæлæсты æмæ хайæгойты  амал кæнын, транспортаци æмæ  реализацийыл контрол карздæр кæны
Ног азы размæ хихджын бæлæсты æмæ хайæгойты амал кæнын, транспортаци æмæ реализацийыл контрол карздæр кæны

Ног азы размæ   хъахъъæнынады æмæ хъæууон хæдзарады  министрады æмбæлгæ куыстытæ хихджын зайæгойты амал кæныны æмæ  транспортацийыл  контрол карздæр кæнынц.

Æрдзы хъахъхъæды  æмæ хъæууон хæдзарады  министрады  информацийæ,   националон  хъæдгæс агентады  кампани – «ма ракæн наз»-мæ æхсæнадæн  номдзыд  уæнгтæ баиу сты æмæ  ноджы  иу  хатт рсидтысты  цæрджытæм,  бæрæгбониæ спайда кæной  æрмæст аразгæ  назы бæласæй.

Хихджын зайæгойты  æнæзакъононæй амал  кæнын, транспортаци æмæ реализацийы уагы халынæн ивар  фыццаг хатт 2000  ларийы онг, æрмæст фæлхатгæ  цауы  5000  ларийы бæрц сбæрæг ис, кæцымæ  æфтауынц   æрдзæн æрхæсгæ  зианы суммæйы  нымæц. Кæд  зианы нымæц 1000  ларийæ ахиздзæн, гоймагы ныхмæ  слæууы тугтæрхоны барады  бæрн.

Хихджын  бæлас-зайæгойты  закъононæй амал кæнын гæнæн ис  тала амалиуæгадты амалиуæгадты, плантациты, сæрмагонд цæхæрадæтты æмæ фадугыты, афтæма  импортиркæнын.   Закъононæй   конд  бæлас-зайæгойты  реализацийы  цауы,  реалиатор  хъуамæ  бавдиса бæлæсты  закъонон хицау кæй у  уый фæдыл æвдисæнгæххæт. Кæд хихджын   зайæгой амалгонд у  сæрмæмулкъы уæвæг  зæххы  фадыгыл æмæ талайы амалиуæгады, зайæгойты  транспортацийæн  æнæмæнгхъæугæ у  сæ равзæрды  фæдыл æвдисæнгæхæт, кæцыйы адæтты бынæттон муниципалитеты мэриа.