Нодар Меладзе - цæугæ ппроцессты сæйраг нысан Ника Гварамиайы ахст у
Нодар Меладзе - цæугæ ппроцессты сæйраг нысан Ника Гварамиайы ахст у

Нодар Меладзе – цæугæ ппроцессты сæйраг нысан Ника Гварамиайы ахст у
Телеуынынад “Рустави 2” -йы политикон ралæвæрдты раздæрон сæйраг продюсер æмæ информацион куысты къухдариуæг Нодар Меладзейы рафарст прокуратурайы, дыууæ сахат адаргъ.
Фæдагуырдон уагдонæй рацыды фæстæ, Нодар Меладзе раисдтис, цæмæй фæдагуырды интерес кодта иста æви нæ уый премитæ. Меладзе хъуыды кæны, цæмæй фæдагуырдон процессы сæйраг нысан Ника Гварамийы ахст у.
“Хъуыдтаг хауы Ника Гварамиайы ныхмæ райдайгæ фæдагуырдмæ æмæ ацы фæдагуырды фæлгæтты мæнмæ уыд фарстатæ. Фарстатæ хаудысты цы принципæй дæтта Ника Гварамия бонустæ æмæ сын расидтæн -уыцы принципæй , чи цы рейтинг хаста телеуынынадæн.
Абоны процессæй æмæ фæстаг дыууæ боны дæргъы процессты фæдыл хъуыды кæнын -ацы процессты сæйраг нысан Ника Гварамиайы ахст у æмæ тагъд ахст” -расидтис Нодар Меладзе.