Низты коонтролы центры хъусын кæнынц, цæмæй коронавирусæй фæрынчынуæвæг дохтыр, Гуры æмæ Тбилисы цалдæр клиникæйы куыста
Гуырдзыстоны низты контролы æмæ æхсæнадон æнæнизхъахъъхæды националон центры Мидæгон Картлийы регионалон офисы къухдариуæггæнæг, Эка Корчашвилийы информацийæ, зæгъгъæ коронавирусæй фæрынчынуæвæг дохтыр Гуры æмæ Тбилисы цалдæр клиникæйы куыста.
Корчашвили Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн куыд фехъусын кодта афтæмæй, ацы этапыл иртасынц фæрынчынуææг дохтыры контакттæ.
«Фæрнычынуæвæг дохтыр Мидæг Картлийы, сæрмагондæй та гуры дыууæ клиникæйы æмæ Тбилисы дæр цалдæр клиникæйы куыста. Уымæн знон сбæлвырд ис коронавирус. Интенсивонæй цæуы лæмбынæг эпидемиологион иртасæн. Контакттæ агурæм. Нырид систам контакты уæвæг 28 адæймагы анализ. Æрмæг æрвыст у Лугары лабораторимæ æмæ дзуаппытæ абон изæрмæ уыдзысты бæрæг», – райхъусын кодта Эка Корчашвили.