Нинообайы бæрæгбонмæ гæсгæ Саломэ Зурабишвили Бодбейы моладзандонмæ ныццыд бæрæгбонон скуывдмæ
Нинообайы бæрæгбонмæ гæсгæ Саломэ Зурабишвили Бодбейы моладзандоны уæвы. Бодбейы Сыгъдæг Нинойы номыл моладзандоны уагъд цæуы литургий.
Куывдыл сты Гуырдызстоны авд Епархийы епископтæ, сæ нымæцы Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Илья Дыккагы корепископ бардарæг Иакоб.
РÆстдинон аргъуан абон бæрæгбон кæны Сыгъдæг Нинойы Гуырдзыстонмæ æрбацыд. Аргъуанон ралæвæрдæй, Сыгъдæг Нино Гуырдзыстонмæ 4-æм æнусы, паддзах Мирианы хицаудзинады дуджы æрбацыд. Йемæ баст у чырыстон дины паддзахадон религийæ расидын. Нинооба афæдзы мидæг дыууæ хатт, фыццаг июн æмæ 27 январы банысан кæнынц.