Нино Ломджариа – алы фадатæй хъуамæ спайда кæнæм, цæмæй Евроцæдисæн равдисæм, ома демократон реформæты бонвæтк æрыздæхтис гуырдзиаг политикон тыгъдадмæ
Алы фадæттæй хуъамæ спайда кæ1нæм, цæмæй Евроцæдисæн равдисæм, ома демократон реформæты бонвæтк æрыздæхт гуырдзиаг политикæйы тыгъдадмæ æмæ цæмæй алчи иумæ стæм цæттæ, демократон ивддзинæдтæн тох кæнынмæ, – уый фæдыл журналисттæн загъта Гуырдзыстоны адæмон сæрылдзурæг Нино Ломджариа.
«Зонын, цæмæй, Гуырдзыстон, гуырдзиаг политикон дзыллæ, куыд хицаугæнæг тых, афтæ оппозици, æмбæстагон сектор, паддзахадон институттæ хъуамæ алцыппæт саразæм, цæмæй афæдзы кæрон, декабры Европæйы комисси ратта æвæрццаг цæстæнгас кандидаты статус раттыны тыххæй. Бавдыст у ацы план. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис мæм скептицизм, уыцы фидиуæнты æмæ уынаффæты тыххæй, кæцыты уынæм. Фæлæ хъуыды кæнын, цæмæй хъуамæ спайда кæнæм алы фадатæй, алы форматæй, цæмæй Евроцæдисæн равдисæм, бæстæйы демократон реформæты бонвæтк кæй рыздæхтис гуырдзиаг политикон тыгъдадмæ æмæ алчи иумæ цæттæ кæй стæм декмократон ивддзинæдты тыххæй тох кæнынмæ», – райхъусын кодта Нино Ломджариа.
Адæмон хъахъхъæгы дзырдæй, зæгъгæ æнæмæнгхъæугæ у Евроцæдис æрмæст уынаффæйы процсс фена, фæлæ ма реалон–конкретон реформæтæ.
«Кæй зæгъын æй хъæуы, не нхъæлын, цæмæй æрмæст процессы фенын хъæуы Евроцæдисы, цæмæй æрмæст бадæм æмæ уынаффæ кæнæм. Уый уыдзæн иттæг нысаниуæгджын, фæлæ уыдон æнхъæлмæ кæсынц, цæмæй ацы процессы фæстиуæгæн, нысаниуæгджын фарстатыл, цахæмдæр у расттæрхон, антикоррупцион æрдæмад, барадхъахъъæнæг уагдæттæ, æвзæрстытæ, уыдзæн нысаниуæгджын ивддзинæдтæ æмæ уагъд уыдзæн реформæтæ. Уый тыххæй, кæй зæгъын æй хъæуы, мах хъуамæ нæ цæст дарæм процессмæ æмæ фенæм, реалонæй цас цæттæ у хицауад уыдæттæм. Мæ хайады тыххæй та зæгъдзынæн, цæмæй кæм бахъæудзæн конституцион орган, мæхи æмæ мæ офисы компетенци, цæттæ стæм райсæм хайад»,- банысан кодта Нино Ломджариа.