Нино Ломджариа - Активон антиоккупацион протесты параллелонæй, Уæрæсейы æмбæстæгтæ сабырæй рацу-бацу кæнынц æмæ æмбæрцæй пайда кæнынц алы сервисæй Гуырдзыстоны территорийыл æмæ сын нæй ницы къуылымпыдзинад
Æнæкæсгæ уæрæсейаг оккупацимæ, фæстаг азты дæргъы Гуырдзыстоны не æрцыдис Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты æрдæм тыхмидзинад сæ этникон æнæ националон нысанæй – уый фæдыл Гуырдзыстоны адæмон барты хъахъхъæнæг «Фейсбукы» сæрмагонд фарсыл фыссы. Нино Ломджариа дзуапп деты Уæрæсейы омбдусменæн, кæцы Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæгæй куры Гуырдзыстоны уæвæг Уæрæсейы æмбæстæгтæн сæ барты хъахъъæды баххуыс уа.
Нино Ломджариайы дзырдæй, активон антиоккупацион протесты параллелонæй Уæрæсейы æмбæстæгтæ сабырæй рацу-бацу кæнынц æмæ æмбæрцæй пайда кæнынц алы сервисæй Гуырдзыстоны территорийыл æмæ сын нæй ницы къуылымпыдзинад.
«Фыццаджы дæр мæ фæнды банысан кæнын, цæмæй Гуырдзыстоны адæмон барты сæрыл дзурæгы аппаратмæ не æрбасидтис Уæрæсейы Федерацийы иунæг æмбæстаг дæр, сæ барты æфхæрды тыххæй. Иунæг инцдивидуалон цау, кæцы ацы этапыл махæн ссис бæрæг, æххæссы, журналистон куыстæн бахъыгдарыны æмæ тыхмидзимнады фактмæ, уырыссаг медиа-фæрæзы респонденты æрдæм. Фæнысангондмæ гæсгæ, мидхъуыддæгты министрад райдыдта фæдагуырд.
Æнæкæсгæ уæрæсейаг оккупацимæ, фæстаг азты дæргъы Гуырдзыстоны не æрцыдис Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты æрдæм тыхмидзинад сæ этникон æнæ националон нысанæй. Гуырдзыстон йæхимæ уадзы æдас бæстæйы статус æмæ нын ницы бындур ис, кæцы ацы статус раива. Активон антиоккупацион протесты параллелонæй, Уæрæсейы æмбæстæгтæ сабырæй рацу-бацу кæнынц æмæ æмбæрцæй пайда кæнынц алы сервисæй Гуырдзыстоны территорийыл æмæ сын нæй ницы къуылымпыдзинад.
ХЪæугæ цауы, Гуырдзыстоны адæмон барты хъахъъæнæг баиргъæвдзæн алы æмбæстагы бартæ Гуырдзыстоны территорийыл, æнæкæсгæ се æмбæстагдзинадм кæнæ этникон равзæрдмæ æмæ реакции скæндзæн алы ицидентыл.
Афтæдæр банысан кæндзынæн, цæмæй Гуырдзыстоны адæмон барты хъахъхъæнæгы æмæ Уæрæсейы Федерацийы адæймаджы барты хистæр камисары æхсæн ис æмкуыстдзинад æмæ коммуникации адæймаджы барты хъахъхъæды фарстаты, кæцы сæрмагондæй нысаниуæгджын у, дипломативон ахастытæ куы нæй бæстæты æхсæн уыцы уавæрты».
Уырыссаг медийы информацийæ, Уæрæсейы омбудсмен Гуырдзыстоны адæмон барты хъахъъæнæгмæ æрсидтис æмæ йæ ракуырдта Гуырдзыстоны уæвæг Уæрæсейы æмбæстæгтæн сæ барты бахъахъхъæды баххуыс уа.