Нино Ломджариа- Æмбырды æмæ манифестациты саразын транспорты змæлæн хайыл гæнæн ис уæд, манифестацийы æндæр хуызæй сарызын йæ хайадисджыты нымæцы тыххæй гæнæн куы нал вæйы уæд
Гуырдзыстоны закъондæттынадмæ гæсгæйæ, æмбырды æмæ манифестациты аразын транспорты цæуæн фадыгыл, гæнæн ис уыцы рæстæдыж, æрымбырды æмæ манифестациты саразын æндæр гæнæн куы нал вæййы хайадисджыты нымæцы тыххæй – уый фæдыл адæмон хъахъхъæнæг Нино Ломджариа райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауадмæ кæнæ хæдуынаффæгæнæг органмæ ис бар сæмбонд кæна гоймаджы бар, манифестаци æмæ æмбырд ауадзын транспорты цæуæн фдагылы, кæд æмæ фæндаджы æрыхгæд нæ бахъæудзæн адæмы нымæцы тыххæй.
«Заза Саралидзейы æмæ алы уыцы уæнгы барты бахъахъхъæнынæн æз æмæ мæ къорд, 24 сахатон режимæй кусæм. Фæнды нæ фенæм хъуыддаджы алы детал, кæд искæй дзуаппмæ раттын æрдомын гæнæн уыдзæн, уæд мах уыцы фарст бавдисдзыстæм. Афтæдæр кусæм алы уыцы проблемæйы аскуыддзаг кæнынæн, кæцытæ сты системон. Ацы хъуыддаджы масштаб конкретон цауæй бирæ фылдæр у æмæ глобалон проблемæ æвдисы. Фæлæ æнæкæсгæ уæлдæр æрнымад проблемæтæм, æнæмæнгхъæугæ у протесты равдисыны формæ уа закъонон» – хъусын кæны Нино Ломджариа.
Йæ аргълæвæрдæй, фæндаджы цæуæн хайы æрыхгæдæй зиан исынц æрмæстдæр уыцы цæрджытæ, кæцытæ æрвылбойнонæй пайда кæнынц ацы фæндагæй æмæ кæцытæ афтæдæр солидарон сты Заза Саралидзеимæ.
Тбилисы Руставелийы проспектыл, знон уагъд æрцыд акци #ნუ მომკლავ (Мамæамар). Акцийы фæстæ, хайадисджытæ парламенты раз æвæрд цатыртæ знон Руставелийы проспектыл фæндаджы цæуæн хаймæ рахастой, цæй тыххæй дæр фæндаджы фæнысангонд фадыгыл автотранспорты змæлд урæд æрцыд.
Барадхъахъхъæнджытæ абон Руставелийы просектыл цатыртæ автомобилон фæндагæй парламенты раззмæ ахастой æмæ фæндагыл автотранспорты змæлд сног ис.